Главная страница
Навигация по странице:

  • Булкъ , зары

  • Зæронд лæг

  • Булкъ

  • Булхъ

  • Булкъ.

  • Чызг

  • Гæды

  • Мыст

  • Булкъ. (дзуры лæгæн): - Гъа, ам бамбыйыны бæсты мæ сау халæттæ бахæрæнт фæлтау.

  • Инсценированная сказка на осетинском языке. Булкъ инсценированная сказка. Булкъ Инсценированная сказка на осетинском языке Учитель осетинского языка мбоу сош30


    Скачать 162.56 Kb.
    НазваниеБулкъ Инсценированная сказка на осетинском языке Учитель осетинского языка мбоу сош30
    АнкорИнсценированная сказка на осетинском языке
    Дата15.11.2022
    Размер162.56 Kb.
    Формат файлаdocx
    Имя файлаБулкъ инсценированная сказка.docx
    ТипСказка
    #789417




    «Булкъ»

    Инсценированная сказка на осетинском языке

    Учитель осетинского языка МБОУ СОШ№30

    Темирова З.Р.


    (Хъуысы хъæлдзæг ирон музыкæ)


    Булкъ кафгæйæ рацыд сценæмæ æмæ дзуры:

    - Нæ зынаргъ кæсджытæ! Абон уын мах равдисдзыстæм хъæлдзæг ирон аргъау «Булкъ»

    - Чи загъта: «Ирон аргъау нæу?!» Бæгуыдæр у, уымӕн æмæ дзы мах сарæзтам ирон аргъау «Булкъ!!!» (Хъуысы рæвдз хъæлдзæг цагъд).

    Булкъ, зары:

    Æз Булкъ дæн, Булкъ,

    Мæ бын у бур, мæ сæр та цъæх,

    Тымбыл дæн, ставд, мæ рон уæрæх…

    Уыдтан æз хурæй æдзух рæвдыд,

    Мæ гуыбын – къори, мæ ад та-мыд!..

    Хъуысы ирон цагъд.

    (Сценæмæ гуыбырæй рацыд зæронд лæг, Булкъмæ ракæс-бакæс кæны, йæ сæр батилы, схæцынма йыл хъавы, фæлæ йын дзы ницы уайы).

    Зæронд лæг (Булкъмæ амоны):

    - Ай диссаг нæу: хуымæтæг Булкъ ныссагътон, æмæ дзы цы `рзад уый та

    -«бутъро-бутъро».

    - «Булкъ» (йæ былтæ акъуырдта): Гъым «бутъро»… Бамбар сæ адæмы: фарон мæнæ уый ас (йæ къухай амоны) куы уыдтæн, уæд та мæ къуызыппа схуыдтой. ( йæ сæр иуварс азылдта).

    - Æгæр зондджын сыстут «вам не угодишь!».

    Зæронд лæг: - Цы «гæдис-фæдис» кæныс!..

    Нæ мæ уыныс зæронд дæн кæддæры Афæхъо нал дæн, нал.

    Зары: - Зæронд лæг дæн,

    Лæмæгъ, æдых

    Кæддæр та æз

    Уыдтæн хъæддых. (кафы, зары):

    Уыдтæн сæрæн,

    Тыхджын, рæсугъд,

    Мæ бæхæн та

    Æмбал кæм уыд!? (ногæй та кафы, фæкъæрц ис, йæ астæуыл хæцы).

    Булкъ: (худгæйæ) – Джигит, джигит! Мæнæ ма мыл фæлтау схæц!

    Зæронд лæг (схæц-схæц кæны. Булкъ йын йæ къух акъуыры): -

    Дæхæдæг ма мын уæд та аххуыс кæн, дæхиуыл ма схæц!

    Булхъ: - Нал наууагътон: «Кæд дын уæйыг нæ дæн: мæ сæрыхъуынтæй мæхи куыд фелвасдзынæн?… Æмæ мæ кад та?! Мæ кад!?»

    Зæронд лæг: (афæзмгæйæ): - Кад!.. Мæнгæн нæ фæзæгъынц: «Булкъ æлгъæй мард»…

    Булкъ. (йæ къухтæ йæ астæуыл авæрдта, мæстыйӕ): - «Булкъ нæ, фæлæ «зулкъ»).

    Зæронд лæг (тыхстæй): - Булкъ…зулкъ…(йæ сæр аныхта) – Ныр цы кæнон?

    - Усай, у-сай… - Зæронд, зæ-æ-ронд!

    (Зæронд ус йæ пирын фæуагъта æмæ рауади. Йæ къухтæ йæ синты сæрыл авӕрдта).

    Ус: - Зæ-ро-онд?! Чи у зæронд?!Зары: - Цас зæронд дæн: æхсын мæрзын,

    Æз кафынмæ нырма бæззын...

    (Зæронд лæг йæ къух, йæ хъусмæ сисгæйæ)

    Зæронд лæг: - Цы?!

    Ус хъæрæй зары: - Зæ-ро-онд?! Чи у зæронд?! Зары: - Цæй зæронд дæн: æхсын, мæрзын, Æз кафынмæ нырма бæззын… Мæ иу бакаст, мæ иу бахудт, Ныццӕвы зæрдæйы кæрон. Мæ уæнгтæ рог сты мæнæн

    Ныр дæр ма бирæ у мæ бон! (мелоди «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай…)

    Зæронд лæг: - Æз дæ кафынмӕ нæ ракодтон… Мæнæ ма мын Булкъыл схæц!

    Ус: - Нæ мæ ´вдæлы…

    Лæг: - Цы кусыс?

    Ус: - Ныртæккæ мæ сериал райдайдзæн «Великолепный век!

    цы баисты уый куы нæ базонон, уæд æхсæв бонмæ нæ бафынæй уыдзынæн.. Æллӕх!.. Фонсæдæ ӕстай фæндзæм сери райдыдта… Тæхын… (алыгъдис сценæйæ).

    Лæг: (хъуыр-хъуыр кæнгæйæ): Æнæбайрайгæ дзы фæуы, дæ «Великолепный векæй» (Булкъыл та ногæй схæцы, фæлæ ницы). – Уæд та чызгмæ бадзурин… - Чызгай! Къулбадæг! Рауай-ма ардæм!

    Чызг: («суперстар», йæ уæлæ фыддиссæгтæ, афтæмæй кафгæ рацыд, музыкæ – реп):

    - Сæрæн, рæсугъд чызг дæн, уый зон,

    Дада мæ хоны ´дзух: Гормон»,

    Нана та: «Булæмӕргъ, бæлон»,

    Ма разы ницы у Кобзон!..

    Чызг: - Дада! Цы кæныс?.. Цы хабар у?..

    Лæг: - Мæнæ ма Булкъыл схæц!

    Чызг: - Иу уæгъд минут дæр мын нæй…

    Лæг: Ды та цы куысты сæр лæууыс?

    Чызг: (сфæзмыдта йæ) – Цы куысты? Мæхи уæртæ «Голос дети-мæ цæттæ кæнын»… Телевизорæй дын иу куы ныззарон: (мотив «Лондон-париж»…)

    - Лондон, Париж,

    Ахауди хъазӕн йæ сис,

    Лондон, Париж,

    Систа нӕ хъаз уæд фæдис…

    Лæг (йæ алыварс разил-базил кæны):

    - Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ! (хъуысы цыдæр хъæлæба, уасын, музыкæ, сценæмæ кæрæдзийы тонгæ рацыдысты гæды æмæ куыдз.

    Гæды уасы, куыдз рæйы).

    Зæронд лæг сæ иргъæвы: - Фæлæуут – ма, кӕцытӕй стут, кӕцытӕй?!!

    Куыдз: (æнкъардæй зары): Куыдз хонынц мæн. Мила мæ ном.

    Мæ фыдмитæн

    Кæм ис кæрон!..

    Нæ уарзын гæдыты:

    Гъæу, гъæу,

    Æрцахсон дæ Гино,

    Фæлæу!!!

    Гæды йæм æнæрвæссон кæстытæ бакодта æмæ разарыд:

    «Гæды» мæ хонынц бирӕтæ,

    Фæлæ дæн раст…

    Мæ цæстытæ цæхæртæ сты,

    Мæ хурхыл сырх бантик баст.

    Фæцæуын дæм, Мила, æгæнон: «Миау»!

    Мæ ныхтæ дæ ныссаддзынæн: «Миау»,

    Миау!!!

    Зæронд лæг: - Ныууадзут – ма уæ кæрæдзийы ратон-батон кæнын. Мæнæ ма фæлтау Булкъыл схæцут!

    Гæды (йæ къух ауыгъта): - Нæ нæ ´вдæлы… «Разборкæтæ» кæнæм… Уæртæ ма мыстма бадзурут. (дзуры йæм): - Мыст, м-ы-ы-ст! Рауай ма мӕ къона (хъуысы рог музыкæ. Мыст кафгæ рауади).

    Гæды: Хæстæгдæр-ма рауай.

    Мыст: - Нæ уæндын…

    Гæды: Кæмæй?

    Мыст: Дæуæй… Бахæрдзынæ мæ…

    Гæды: Дæ мæтæй мæлын… Мæ мыстытæ иу дæс азы дæр нал бахордтон… Аллергийæ мæм ис (йæ гуыбын асæрфта).

    Мыст: Нæ сайгæ кæныс… Пи-пи-пи (алыгъдис сценæйæ).

    Гæды: Гъе-мæ къах дæ роны!.. (йæ къахæй куыдзы фæцавта. Куыдз йæм фæлæбурдта, æмæ та хыл кæнын райдыдтой. Чызг сæ иргъæвы, сценайæ рахызтысты).

    Булкъ. (дзуры лæгæн): - Гъа, ам бамбыйыны бæсты мæ сау халæттæ бахæрæнт фæлтау.

    - Ай диссаг нæу: æнæхъæн хæдзарыдзаг бинонтæ æмæ дыл иу схæцæг ма уæд…(йæ сæр аныхта_ - Уæд та сæ, зæронд, асайæм…

    Лæг: Уый та куыд?

    Булкъ: Бавдæл æмæ сын зæгъ: Мæ быны хæзна ныгӕд ис, кӕд мыййаг базмæликкой, цалынмæ ам миты бын нæ фæдæн.

    Лæг: (йæ худ фæхъил кодта) – хæзна зæгъыс (хъæр кæны): - Усæй, чызг, куыдз, гæды, мыст, иууылдæр ардæм!

    Иууылдæр рауадысты сценæмæ.

    Ус: Цы та ´рцыдис? Цы хабар у?

    Лæг: - «Цы» куы зæгъай, уæд нæ Булчъы бын хæзна ныгæд ис (Иууылдæр дисы бафтыдысты).

    Ус: - Хæзна! Цыма цавæр?... Кæлмæрзæнты чырын!

    Чызг: - Доллæрты дзæкъул!

    Куыдз: - Мæн йас стæг!

    Гæды: - Æхсырыцъæртты дурын!

    Мыст: - Цыхты пуд… Нæ, пуд æмæ ´рдæг!..

    Лæг: - Фæлæ Булкъ куы нæ сӕппарæм, уæд хæзна уæ цæсты кæронæй дæр нæ федтат! Цæйма иумæ! (Ныххæцыдысты Булкъыл кæрæдзийы фæдыл). Иу, дыууæ, æртæ! (сӕппæрстой Булкъ, цин кæнынц).

    Ус, чызг æмæ куыдз дзыхъмæ кæсынц. (Куыдз æй акъах-акъах, кæны).

    Ус: - Кæм ис?

    Лæг: - Æцæг хæзна уæ разы: нæ иудзинад.

    Ус: - Куыд та нæ асайдтай, зæронд!

    Чызг: - Цы «крутой» дæ дада!

    Гæды: - Мæ рихи та мын куыд адаудтай!

    Лæг: - Цæй-ма иумæ: (иууылдæр дзурынц): Мах иумæ стæм тыхджын, ныфсхаст, æмбисонды хъуыды у раст:

    Булкъ (дзуры дарддæр): Цæй, æмæ

    Ма кæнæм æнцой

    Царды бынтæ уафæм,

    Царды тын – фæллой!

    Хъуысы хъæлдзæг ирон цагъд, архайджытæ кафгæ сценæйæ рацæуынц.


    «БУЛКЪ»

    инсценированная сказка на осетинском языке

    учитель осетинского языка МБОУ СОШ№30 Темирова З.Р.


    написать администратору сайта