Главная страница
Навигация по странице:

  • Иди за ним! И факел, им зажжённый, Раздуй сильней и всюду им свети…

  • . (слайд №2)

  • . (слайд №6)

  • (слайд №10)

  • конспект. Азы Иди за ним! И факел, им зажжённый, Раздуй сильней и всюду им свети


    Скачать 2.33 Mb.
    НазваниеАзы Иди за ним! И факел, им зажжённый, Раздуй сильней и всюду им свети
    Анкорконспект
    Дата22.03.2022
    Размер2.33 Mb.
    Формат файлаdocx
    Имя файла548014-lit.-muz._kompozitsiya_idi_za_nim_i_fakel_im_zazhzhyonnyy.docx
    ТипДокументы
    #409577


    160азы


    Иди за ним! И факел, им зажжённый,

    Раздуй сильней и всюду им свети…


    20 5

    лет




    Музыкæ.

    1 вед. Уæ бон хорз, зынаргъ æмбæлттæ! (слайд №1)

    2 вед. Фарн уæм бадзурæд, æмæ фæрнæйдзаг ут!

    1вед. Сызгъæрин фæззæг та æрцыд Ирыстонмæ. Сызгъæрин æмæ алæмæт разынд 1859 азы кæфты мæйы фынддæсæм бон, Хуыцау Хетæджы-фырт Къостайы Ирыстонæн куы радта, уæд. Уæдæй абонмæ рацыд 155 азы. (слайд №2)

    2 в. Къоста уыд тохгæнæг, рæстдзинад æмæ намысы сæрхъуызой. Æмæ йын ис кад æмæ рад. Хæдтулгæ – йæ уæрдон, йæ фæндаг – уæрæх.

    « Къостайы зарæг»

    1 в. Иу интервьюйы Джусойты Нафимæ ахæм фарст радтой: «Мæрдтæй дæм иу адæймаг раздахыны бар æрхаудта, зæгъгæ, уæд кæй раздахис?» Уый æнæахъуыдыгæнгæйæ дзуапп радта: «Къостайы!»

    2 в. Къостамæ хæццæ кодта Хуыцауы комы тæф, уый уыд удыхъæдæй бæрзонд æмæ болат зæрдæйы хицау. Æдæрсгæ цыд размæ.

    1 в. Иудзинады адæмы тых кæй ис, уый зыдта, æмæ уымæн сидт ирон адæммæ.

    «Балцы зарæг»

    2 в. Рагæй – æрæгмæ ирон адæммæ ноггуырдæн ракувынц: «Ахæм фарн æм разынæд, æмæ йæ мыггагæн нæ, фæлæ Ирыстонæн дæр кад куыд скæна! Йæ ном дардыл куыд айхъуыса!»

    1 в. Уыцы нæртон арфæ æрцыд Къостайыл. Скадджын кодта æппæт Ирыстоны дæр. Ирон адæмы базонын кодта дунейæн, бирæ адæмты æрыхъусын кодта йæхимæ, базонын сын кодта ирон лæджы удыхъæд, æгъдау, йæ бæллицтæ, йæ царды зындзинæдтæ.(слайд №3)

    2 в. Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

    Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, –

    Дунеты се ппæт мæхимæ æрхонин,

    Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

    1 в. Æмæ зарыд… Фыста… Уацтæ æмæ æмдзæвгæтæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ … Æмæ сæм æнхъæлмæ кастысты. Æууæндыдысты сыл. Йæ фæдыл цыдысты…

    2 в. Иры фыццаг рухстауæг Æгъуызаты Иуане фæдзæхста: «…чи цæмæйдæриддæр фесгуыха, уымæй йæ мыггаг æмæ йе мзæххонтæн хъуамæ сбæззыныл, ахъаз фæуыныл архайа йæ бонæй». Къоста ацы ныстуан нымадта йæ хæсыл æмæ йæ æнæрæнцойæ æххæст кодта.(слайд №4)

    «Æнæ хай» (зарæг)

    1 в. Байаты Гаппо фыста: «Мæ уарзон æрдхорд, нæ Иры æнхъæлцау æмæ рæбинаг цæджындз, Хетæджы фырт Къоста! Тагъд, нæ цæргæс, дæ райгуырæн уарзон хæхтæм ратæх æмæ дæ сызгъæрин хæтæлæй тохы зарæг ныккæ нæ Ирæн!.. Рагæй æнхъæлмæ кæсæм мах дæ диссаг зарджыты чиныгмæ…» Æмæ фæзынд «Ирон фæндыр.»

    (слайд №5) Песня «Коста» «Девичий танец»

    2 в. «Что значит быть Коста? Вас знают в каждом осетинском доме. Что Ваша осетинская азбука и брошюры? Я жду, жду и жду осетинские стихи, - писала Раиса Гайтова, муза Коста. – Писать Вам всегда буду с удовольствием, пока у Вас пропадёт охота переписываться… Вы гораздо добрее меня и больше любите людей, Вы лучше меня и достойны лучшей участи…Будьте таким, как теперь…»

    1 в. Къостайыл хъуыдыгæнгæйæ, мæн æрфæнды хуыздæр æмæ сыгъдæгдæр, æргомдæр æмæ рæстуддæр уæвын. (слайд №6)

    2 в. Удыхъæд разыны фыдæвзарæнты. Къоста цы чызджыты зæрдæмæ цыд, уыдонмæ нæ разынд, сæ цард тохгæнæг поэтимæ сбæттой, уыцы ныфс. Æмæ сыл худæн нæй. Генийæн цæрын зын у. Фæлæ поэты зæрдæ нæ зоны хæрам хæссын, зæгъы сын æрмæстдæр амонд.

    «Хæрзбон» «Расстаться не трудно…» Зарæг «Усгуры мæт»

    1 в. Къостайы зæрдæ у арвау гом æмæ сыгъдæг. «Мæнæн мæ зæрдæйæн йæ тæккæ лыстæг уидæгтæ дæр кæмæдæриддæр йæ армы тъæпæнау зынынц». Уыцы миниуæг у йæ тых æмæ йæ амонд.

    2 в. Къоста уыд цардбæллон, фæндыд æй уарзын, царды цинтæй хай исын. Æмæ нын йæ зæрдæйы фæндиæгтæ дзуры.

    «Тæхуды»

    1 в.(слайд №7) Къоста кæддæриддæр уыд царды гуылфæнты. 1898 азы фыста: «Æрæнцадтæн Стъараполы. Аныгъуылдтæн алыхуызон æхсæнадон куыстыты».

    2 в. Коста участвовал во всех сколько – нибудь значительных культурно-просветительских мероприятиях интеллигентов-энтузиастов Владикавказа и Ставрополья, выступая с лекциями, читая произведения русских поэтов и свои сочинения.

    1 в. Его знают и любят в Херсоне (место второй ссылки). Гордятся знакомством с ним, приглашают на праздники и вечера. «На вчерашнем банкете я здорово тряхнул стариной…за ужином сыпал рифмованные тосты, после ужина шествие в зал открыл с француженкой полонезом, танцевал вальс, польку, мазурку, венгерку и лезгинку… Сегодня во всём Херсоне только и разговоров об этом банкете…»

    Танец «Венский вальс»

    2 в.(слайд №8) 200 лет назад, в этот же день, 15 октября, родился великий русский поэт Михаил Юрьевич Лермонтов. В своей поэзии, всегда искренней, страстной и взволнованной, поэт желает видеть русский народ свободным и просвещённым. Он беспредельно любил свою родину и говорил об этом просто и правдиво.

    «Родина»

    1 в. Лермонтов был одним из любимых поэтов Коста Хетагурова, оказавший на него заметное влияние: «Для Коста Лермонтов был одним из зовущих к борьбе голосов… Его стих трогал его до глубины сердца».

    2 в. Как и Лермонтов Коста убеждён в том, что свобода не приходит сама собой: за неё борются, страдают, идут на каторгу и гордо умирают. Как и русский поэт Коста не может примириться с тем, что люди его поколения старятся в бездействии, живут без всякой цели, покорно склоняют голову перед властью.

    1 в.(слайд №9) «Кавказ был колыбелью его поэзии…-писал В.Г.Белинский о Лермонтове, - и после Пушкина никто так поэтически не отблагодарил Кавказ за дивные впечатления его величавой природы, как Лермонтов».

    2 в. «Синие горы Кавказа, приветствую вас! Вы взлелеяли детство моё; вы носили меня на своих одичалых хребтах; облаками меня одевали, вы к небу меня приучили, и я с той поры всё мечтаю об вас да о небе»,- вспоминал Лермонтов о чарующих картинах горного края.

    1 в. Восхищение природой «седого Кавказа» мы чувствуем не только в лирических произведениях, но и на холсте прекрасного художника Лермонтова.

    (слайд №10) Лермонтов. «Кавказ» Романс

    2 в.(слайд №11) В жизни и творчестве Лермонтова Кавказ занимает исключительно большое место. Здесь Лермонтов несколько раз бывал в детские годы, здесь он провел значительную часть первой и второй ссылок. Здесь же он провел и последние два месяца своей жизни.

    1 в.(слайд №12) Народные песни, предания, легенды, слышанные юным Лермонтовым на Кавказе, оказали большое влияние на его поэтическое творчество. Поэт видел вокруг себя пёструю многонациональную толпу, наблюдал их нравы, праздники и народные игры, в которых выражались мужество, выносливость, ловкость.

    Танец «Хонга»

    2 в. Кæддæр Златоуст загъта: «Искæй кадæн аргъ чи кæны, æрмæст уый кæны цæсгом йæхицæн».

    1 в. Ирон æмбисонд та зæгъы: «Хорзæй «хорз» зæгъынæн дæр зæрдæ хъæуы».

    2 в. Къоста цыт кодта æхсæнад æмæ рухсады кусджытæн, аивады генитæн, сарæзта сын поэтикон сурæттæ. Уыдоны хуыздæр миниуджытæй хайджын уыд йæхæдæг дæр, фæлæ уыимæ уыд хуымæтæг зæххон адæймаг.

    1 в. (слайд №13) 16 августа 1889 г. в г. Пятигорске на открытии памятника в честь 75-летия со дня рождения М.Ю.Лермонтова Коста говорил от имени молодежи, он говорил от имени будущего: «Великий торжествующий гений! Подрастающее поколение моей Родины приветствует тебя как друга и учителя, как путеводную звезду в новом движении к храму искусств, наук и просвещения… Пусть поэзия Лермонтова жжёт наши сердца и учит нас правде».

    2 в. К этим торжествам Коста написал стихотворение «Перед памятником», в котором называет Лермонтова «предвестником желанной свободы».

    «Перед памятником»

    1 в. Чуть позже, в 1901 году, в связи с 60-летием дня кончины Лермонтова, Хетагуров посвящает своему «великому учителю» стихотворение «Памяти М.Ю.Лермонтова».

    «Памяти М.Ю.Лермонтова»

    2 в. Мысын Къостайы… Мысæм æй нæ сагъæсты, нæ куысты уæлхъус, нæ цин æмæ нæ хъыджы бонты дæр. Мысдзыстæм æй, цалынмæ ныл, йæхи загъдау, «хæхты дыдзы хур» нæ аныгуыла, уæдмæ. (слайд №2)

    1 в Афтæ мæм кæсы, ирон адæм цас хуыздæр зоной æмæ фылдæр уарзой Къостайы, уыйас аивдæр æмæ æнусондæр уыдзысты нæ уды фарн æмæ нæ фидæн. Фæнды мæ сымахæй алкæмæндæр зæгъын: «Мæ хорз æмбал, базон хуыздæр Къостайы».

    2в. Фæнды нæ, цæмæй алы адæймаджы зæрдæмæ дæр бахъара йæ фарны ныстуан: «Æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!»

    1 в. (слайд №14) Кадджын бæрæгбонтæ кæнæм азæй азмæ!

    2 в. Стыр бузныг уын. Фæрнæйдзаг ут! Музыкæ.


    написать администратору сайта